Перейти к содержанию

Стерлитамачы район

53°38′00″ с. ш. 55°57′00″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Муниципалон район
Стерлитамачы район
башк. Стәрлетамаҡ районы
уырыс. Стерлитамакский район
Тырыса Герб
Тырыса Герб
53°38′00″ с. ш. 55°57′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Кæй сконды у Башкортостан
Админ. центр Стерлитамак
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1930-æм азы 20 августы
Фæзуат
  • 2216 км²
Сахатон таг MSK+2 (UTC+5)
Цæрджытæ
Цæрджытæ 42 281[1] ад. (2017)
Националон сконд уырыссæгтæ, башкирæгтæ, тæтæйрæгтæ, чувашæгтæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код 3473
Посты индекстæ 4531ХХ

Официалон сайт
Стерлитамачы район картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Стерлитамачы район (башк. Стәрлетамаҡ районы, уырыс. Стерлитамакский район) у муниципалон район Башкортостаны Республикæйы сконды. Районы администраци у Стерлитамачы, фæлæ уыцы сахар йæхæдæг у хицæн муниципалон иуæг — «сахарон зылд Стерлитамак».

Муниципалон районы фæзуат у 2227 км². Ис дзы 111 цæрæнраны, уыдонæй стырдæртæ: Куганак, Наумовкæ, Рощинский, Загородное æмæ Отрадовкæ[2].

Район у хъæздыг саумæр зæххытæй, хъæды фæзуат 5,1% у.

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]

2006-æм азы 1 январы цæрджыты нымæц уыд 35 281. Районы цæрынц уырыссæгтæ (36,5 %), башкирæгтæ (23 %), тæтæйрæгтæ (23 %) æмæ чувашæгтæ (14,7 %)[3].

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]

Районы экономикæйы тыхджындæр къабæзтæ сты хор тауын, хурмæзилæг, картоф æмæ халсартæ рæзын кæнын. Дарынц дзы стур, хуытæ æмæ мæргътæ.

Хъæууонхæдзарадон зæххытæ ахсынц 186,1 мин га (районы 83,6 %), уымæй 142,5 мин га сты хуымтæ.

Культурæ

[ивын | Бындур ивын]

Культурæйы сæйрагдæр артдзæст у районы Культурæйы галуан, 1991-æм азæй у хъæу Загородныйы[4]. Уый йеддæмæ кусынц 29 культурæйы хæдзары, дæс хъæууон клубы.

Районы цæрджыты ’хсæн райтынг ис аивадон хæдархайд. «Адæмон коллективы» хуындад райстой уырыссаг зарæджы хор «Родники» («Суадæттæ»), чувашаг зарæджы ансамбль «Парне» («Лæвæр»), тæтæйраг зарæджы ансамбль «Ядкарь», кафты коллектив «Миляш», уырыссаг зарæджы ансамбль «Уральская рябинушка» («Уралы цъуй»), тæтæйраг зарæджы ансамбль «Гузель», уырыссаг зарæджы ансамбль «Рязаночка», мордоваг этнографион ансамбль «Вастома» («Фембæлд»)[5].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 2017-æм азы 1 январы Уæрæсейы Федерацийы цæрджыты нымæц (31 июлы 2017). Датæ: 2017-æм азы 31 июлы. Архив 2017-æм азы 31 июлы.
  2. ПАСПОРТ Стерлитамакского муниципального района(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 26 июны. Архив 2014-æм азы 1 февралы.
  3. Население // Сайт администрации Стерлитамакского района(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 26 июны. Архив 2016-æм азы 4 мартъийы.
  4. Районы сайтмæ гæсгæ(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  5. Районы сайтмæ гæсгæ(æнæбаххæсгæ æрвитæн)

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]